Перейти к содержанию

Гизæйы Егъау Сфинкс

29°58′31″ с. ш. 31°08′16″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фендтаг
Гизæйы Егъау Сфинкс
29°58′31″ с. ш. 31°08′16″ в. д.HGЯO
Бæстæ Мысыр Мысыр
Ран Эль-Гизæ[1]
Архитектурон стиль Рагон Мысыры архитектурæ[d]
Бындурæвæрды датæ XXVI æнус нæ эрæйы агъоммæ[2]
Бæрзæнд 20,2 м
Материал чъырдур
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гизæйы Егъау Сфинкс у мысираг сфинкстæй æппæты рагондæр æмæ егъаудæр иу, лæууы фараон Хефрены пирамидæ-зæппадзы фарсмæ. Кæддæр йæ сæрыл уыд паддзахы худ дæр, йæ ныхыл та — калмы фæлгонц, бартæ æмæ уæларвон тых, зонындзинæдтæ уымæ кæй сты, уый нысанæн. Йæ даргъ боцъо та æвдыста, паддзахиуæггæнæг уый кæй у. Йæ боцъойы хæйттæ — дуры къæрттытæ кæддæр ракъкъахтой йæ разы змисы бынæй, паддзахы худ æмæ калмæй ницыуал баззад, æрмæст ма сæрыл ис сæ фæдтæ. Хъыгдард баййæфта паддзахы бæрæгбоны сæрæмбæрзæн дæр.

Сфинкс æвæрд у хурыскæсæнæй хурныгуылæнмæ, йæ чъылдыммæ сты пирамидæтæ, йе ’ргом здæхт у цæугæдон Нилмæ. Йæ цæсгом у цыппæрдигъонау, фæтæн рустимæ, йæ хъустæ фæстиау. Кæй цæсгом у? Ацы фарстæн дзуапп ссарыны тыххæй америкаг ахуыргонд-египтолог М. Лернер компьютеры бавæрдта Сфинксы сæры къам æмæ Хефрены фæлгонцтæ, алыхуызон нывты нæм чи æрхæццæ, уыдоны. Кæрæдзиуыл сæ фæрабар-бабары фæcтæ æрцыд иу хатдзæгмæ — иу адæймаджы цæсгом сты. Цымæ æнусты сусæгдзинад нæ раргом. Уымæн æмæ мысырæгтæ сæхæдæг дæр фыстой, Егъау Сфинкс Хефренæй нæ, фæлæ æппæт пирамидæтæй дæр рагондæр кæй у. Йæ равзæрд та æмбæхст ис рæстæджы фæлмы.

Рæстæг æгъатыр у. Змисджын тых дымгæтæ, уадтæ йæ æнусты дæргъы дауынц иуæрдæм, иннæрдæм. Иу æмæ йæ дыууæ хатты нæ фæкодтой змисы бын. Змисджын тыгъд быдыры æрдзыхъæдæн зын ныффæразæн у: бон дзы тæвдæй сулæфæн нæй, æхсæв ихæнæй фæлæууæн. Тæвд æмæ уазал кæрæдзи сонтивд кæй кæнынц, уый фыдæй афæстытæ. Уæдæ 3,5 мин азы размæ Астæуккаг денджызы зылды бирæ зæххæнкъуыстытæ уыд, фæстагмæ сакъадах Криты фарсмæ срæмыгъта вулкан Санторин. Уæд зæхх афтæ тынг нызмæлыд, æмæ Егъау Сфинксы сæр бынтондæр бынмæ æрхауд. Змисы бынæй йæ къахын райдыдта фараон Аменхотеп II, адарддæр æй кодта Тутмос IV.

Егъау Сфинксы сæр, йæ буар та змисы бын. XIX æнусы литографи

Мысыры фæстаг паддзæхтæ хорз аудыдтой сæ рагон кувæндæттыл, фæлæ сæм фæстæдæр тых кæнынмæ цæуын райдыдтой фыццаг ассирийæгтæ, стæй персайнæгтæ, бердзейнæгтæ, ромæгтæ, византийæгтæ, араббæгтæ. Мысыраг историк аль-Махъризийы фыстытæм гæсгæ 1378 азы суфиаг фанатик Мухаммад Саим аль-Дахр, бынаттон зæххкусджыты куы федта сфинксæн кувгæ, тынг смасты æмæ асаста сфинксы фындз. XVIII æнусы Мысыр уыд мамлюкты къухы — уыдон, сæхи сармадзанæй æхсыныл ахуыр кæнгæйæ, нысанæн равзæрстой Егъау Сфинксы сæр. Æмæ йæ, æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ хатты нæ акъуырдтой. Фæстæдæр уыдоны бафæзмыдтой Наполеоны сармадзанæй æхсджытæ дæр.

1920-æм азты Егъау Сфинкс реставрацигонд æрцыд.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. archINFORM (нем.) — 1994.
  2. Make Lists, Not War (англ.) — 2013.