Перейти к содержанию

Кумраны къухфыстытæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кумраны къухфыстытæй иу сыф. Æвдыст цæуы Амманы музейы

Кумраны къухфыстытæ (Мард денджызы тыхтæттæ) — 1947-æм азæй фæстæмæ Кумраны лæгæтты цы бирæ къухфыстытæ ссардæуыд, уыдоны иумæйаг ном. Ссарæггæгты иртæстытæ куыд равдыстой, уыцы къухфыстыты хай фыст æрцыдис Кумраны æмбалады[1] нæ эрæйы агъоммæ 250-æм азæй 68-æм азы онг.

Кумраны тыхтæттæй фылдæр фыст сты уираг æвзагыл (ивритыл), се ’хсæн ис арамейаг æмæ грекъаг æвзæгтыл дæр фыстытæ. Сæйрагдæр фыссæн æрмæг у пергамент, иуæй-иу хатт та папирус, ис æрхуыйы сыфтыл конд фыстытæ дæр. Сæ аппмæ гæсгæ тексттæ дих кæнынц æртæ къордыл: Библийы тексттæ (29% бæрц), апокрифтæ æмæ псевдоэпиграфтæ, Кумраны æмбалады литературæ.

Кумраны къухфыстыты тексттæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]